Уымӕн ӕмӕ алы алчеры дӕр адӕмӕй сӕвзӕрстӕуы, адӕмы сӕраппонд ӕй сӕвӕрдӕуы Хуыцауӕн кусӕгӕй, тӕригъӕдты тыххӕй хуынтӕ ӕмӕ нывондтӕ куыд хӕсса.
Махӕн ис, Сыгъдӕг Цатыры лӕггадгӕнджытӕн хӕрыны бар кӕцӕй нӕй, ахӕм нывондхӕссӕн.
Тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй алчер Иууылсыгъдӕгмӕ цы фосы туг бахӕссы, уыдоны басыгъдӕуы адӕмы цӕрӕнуаты ӕдде.