Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Фӕлӕ куы афӕстиат уон, уӕд зон, Хуыцауы хӕдзары хи куыд дарын хъӕуы, уый. Уыцы хӕдзар цардӕгас Хуыцауы Аргъуан у – ӕцӕгадӕн йӕ цӕджындз ӕмӕ йе 'нӕфӕцудгӕ бындур. Ныр та ӕрцыд Чырысти – ӕцӕг хорзӕхтӕ нын Чи ӕрхаста, уыцы Алчер, ӕмӕ бацыд ӕндӕр Цатырмӕ. Уыцы Цатыр у ахсджиагдӕр ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст; лӕджыкъухӕйконд нӕу, ома, нӕу ацы дунейӕ. Чырысти бацыд, ӕцӕг Иууылсыгъдӕджы фӕлгонц чи у, лӕджыкъухӕйконд ахӕм Иууылсыгъдӕгмӕ нӕ, фӕлӕ комкоммӕ уӕларвмӕ, цӕмӕй мах тыххӕй ӕрлӕууа Хуыцауы раз. Ӕмӕ нын афтӕмӕй Хуыцауы хӕдзары сӕргъы ис стыр Алчер.
Выбор основного перевода