Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Ма дӕ ферох уӕд: ӕппӕт дӕр сараз, хохыл дын сӕ куыд равдыстон, афтӕ. Нӕ фыдӕлтӕм ӕдзӕрӕг бӕстӕйы уыди, Хуыцауы намыс кӕм уыд, уыцы Цатыр. Хуыцау уый саразын бафӕдзӕхста Моисейӕн, куыд саразгӕ у, уый дӕр ын равдыста. Уыдӕттӕ сты, фидӕны цы хъуамӕ ӕрцыдаид, уымӕн йӕ аууон. Цы ӕрцыд, уый та Чырысти у. Уӕдӕ уӕларвы цы ис, уыдоны фӕлгонцтӕ хъуамӕ сыгъдӕггонд цӕуой уыцы нывондтӕй, уӕларвоны та хуыздӕр нывондтӕ хъӕуы. Цӕстӕй фенӕн цӕмӕн нӕма уыд, уый йын Хуыцау куы раргом кодта, уӕд Ной, йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцаумӕ байхъусгӕйӕ, сарӕзта, йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕм фервӕзтысты, уыцы нау; йӕ уырнындзинадӕй стӕрхон кодта дунейӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстгӕнӕгыл. Кӕсут, дзургӕ Чи кӕны, Уымӕ ӕнӕбайхъусгӕ ма фӕут. Зӕххыл Чи дзырдта, Уымӕ цы адӕм нӕ байхъуыстой, кӕд уыдон ӕнӕфхӕрдӕй нӕ аирвӕзтысты, уӕд махӕн та ӕнӕфхӕрдӕй баззайӕн уӕвгӕ дӕр нӕй, уӕлӕрвтӕй Чи дзуры, Уымӕй не 'ргом куы аздахӕм, уӕд.
Выбор основного перевода