Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Хуыцау загъта Аврамӕн: «Ныууадз дӕ бӕстӕ, дӕ хӕстӕджыты, дӕ фыды хӕдзар ӕмӕ ацу, Ӕз дын цы зӕхх бацамондзынӕн, уырдӕм. Ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн разагъды адӕм, Мӕ арфӕ дыл бафтаудзынӕн, скӕндзынӕн дӕ хъуыстгонд, ӕмӕ уыдзынӕ арфӕйыхос. Ӕз Мӕ арфӕ бафтаудзынӕн дӕуӕн арфӕгӕнджытыл, ралгъитдзынӕн де 'лгъитӕджы; дӕ фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ». Аврам араст йӕ фӕндагыл, Хуыцау ын куыд загъта, афтӕ. Йемӕ ацыди Лот дӕр. Аврам Харранӕй куы рараст, уӕд ыл цыди фынддӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы. Аврам йемӕ акодта йӕ ус Сарӕйы, йе 'фсымӕры фырт Лоты, йемӕ айста, цы сӕм ӕрбамбырд, уыцы мулк. Йемӕ ма ракодта, Харраны кӕй балхӕдтой, ӕппӕт уыцы адӕмы. Афтӕмӕй араст сты Ханааны зӕхмӕ, ӕмӕ ӕрцыдысты уырдӕм. Фӕлӕ Стефан загъта: «Ме 'фсымӕртӕ ӕмӕ фыдӕлтӕ! Байхъусут мӕм. Нӕ фыдӕл Авраам Харраны нӕма ӕрцард, афтӕ йӕм Месопотамийы фӕзынди намысы Хуыцау Ӕмӕ йын загъта: „Ныууадз дӕ бӕстӕ ӕмӕ дӕ хӕстӕджыты, ӕмӕ ацу, Ӕз дын кӕй бацамонон, уыцы бӕстӕмӕ". Уӕд Авраам ныууагъта халдейаг зӕхх ӕмӕ ӕрцарди Харраны. Йӕ фыды мӕлӕты фӕстӕ йӕ Хуыцау ӕрцӕрын кодта, ныр сымах кӕм цӕрут, уыцы зӕххыл.
Выбор основного перевода