«Дзуттаг сылгоймӕгтӕм арыны рӕстӕг уӕ цӕст дарут: лӕппу куы райгуыра, уӕд ӕй амарут; чызг куы уа, уӕд ӕй ныууадзут удӕгасӕй».
Уӕд фараон йеппӕт адӕмӕн радта бардзырд: «Дзуттӕгты алы ноггуырд лӕппуйы дӕр ӕппарут Нилы цӕугӕдонмӕ, чызджыты та уадзут удӕгасӕй».
Уыцы рӕстӕг райгуырд Моисей; уыди рӕсугъд ӕмӕ Хуыцауӕн фӕндиаг сывӕллон. Фыццаг ӕртӕ мӕйы йӕ хастой йӕ фыды хӕдзары.