Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Каин зӕххы бӕркадӕй нывонд ӕрхаста Хуыцауӕн. Авел дӕр йӕ дзуджы фыццаг цӕуӕты хӕрзхаст уӕрыччытӕй ӕмӕ сӕ фиуӕй ӕрхаста нывонд. Авел ӕмӕ йӕ нывонд Хуыцауӕн фӕндон уыдысты, Каин ӕмӕ йӕ нывонд та Хуыцауӕн фӕндон нӕ уыдысты. Каин тынг смӕсты ӕмӕ йӕ сӕр ӕруагъта. Хуыцау загъта Каинӕн: «Цӕмӕн смӕсты дӕ, ӕмӕ дӕ сӕр цӕмӕн ӕруагътай? Хорз куы кӕнай, уӕд дӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕсдзынӕ, ӕви? Хорз куы нӕ кӕнай, уӕд та тӕригъӕд дӕ къӕсӕрыл ӕрӕмбӕхст; хъавы дӕм, фӕлӕ йӕ ды уӕлӕмӕ скӕсын ма бауадз». Каин йе 'фсымӕр Авелӕн загъта: «Цӕуӕм быдырмӕ». Ӕмӕ быдыры куы уыдысты, уӕд Каин йӕхи ныццавта йе 'фсымӕр Авелыл ӕмӕ йӕ амардта. Хуыцау Каины бафарста: «Кӕм ис де 'фсымӕр Авел?» Каин дзуапп радта: «Нӕ зонын. Ӕз ме 'фсымӕрӕн, мыййаг, гӕс дӕн?» Хуыцау загъта: «Уый цы бакуыстай? Де 'фсымӕры туг Мӕм дзыназы зӕххӕй – йӕ хъаст хӕссы Мӕнмӕ. Уымӕ гӕсгӕ уын, зӕххыл цы рӕстаг туг фӕкалд, уый иууылдӕр фидинаг у: рӕстгӕнӕг Авелы тугӕй, Кувӕндонӕй нывондхӕссӕны ӕхсӕн кӕй амардтат, уыцы Варахийы фырт Захарийы туджы онг. Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйӕ ӕууӕндын адӕймаджы раст кӕны, уырныны тыххӕй ӕргомӕй дзурын та ирвӕзындзинад дӕтты. Каины хуызӕн ма ут. Уый хӕйрӕгӕй уыд ӕмӕ амардта йе 'фсымӕры. Ӕмӕ йӕ цӕмӕн амардта? Уымӕн ӕмӕ йӕхи хъуыддӕгтӕ хӕрам уыдысты, йе 'фсымӕры хъуыддӕгтӕ та – раст.
Выбор основного перевода