Сывӕллон куы рахъомыл, уӕд ӕй ӕрбахуыдта фараоны чызгмӕ; фараоны чызг дзы йӕхицӕн загъта фырт, ӕмӕ йӕ схуыдта Моисей, уымӕн ӕмӕ загъта: «Ӕз ӕй цӕугӕдонӕй систон».
Моисей ралӕг. Иуахӕмы рацыд йе 'фсымӕртӕм, ӕмӕ сын федта сӕ уӕззау куыстытӕ. Моисей акаст ӕмӕ уыны: иу мысыраг ын нӕмы йе 'фсымӕры, дзуттӕгтӕй иуы.
Моисей алырдӕм афӕлгӕсыд, ӕмӕ йӕ уынӕг куы нӕ фӕци, уӕд амардта мысыраджы, ӕмӕ йӕ змисы аныгӕдта.