Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Уыцы цауты фӕстӕ Хуыцау фӕлвӕрдта Авраамы ӕмӕ йын загъта: «Авраам!» Авраам дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн». Хуыцау загъта: «Дӕ иунӕг уарзон фырт Исаакы акӕн, ацу Мориайы зӕхмӕ, ӕмӕ дын Ӕз уым цы хох бацамонон, ууыл ӕй иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕсс». Авраам сыстади райсомӕй раджы, саргъ сӕвӕрдта йӕ хӕрӕгыл, йӕ цумагӕнӕн лӕппутӕй дыууӕйы ӕмӕ йӕ фырт Исаакы акодта йемӕ, ныссаста сугтӕ нывонд басудзынӕн ӕмӕ араст, Хуыцау ын цы бынат бацамыдта, уырдӕм. Ӕртыккаг бон Авраам акаст ӕмӕ дӕрддзӕфӕй суыдта уыцы бынат. Уӕд йӕ цумагӕнӕн лӕппутӕн загъта: «Сымах ам баззайут хӕрӕгимӕ; ӕз ӕмӕ мӕ лӕппу та ацӕудзыстӕм уырдӕм, бакувдзыстӕм Хуыцаумӕ ӕмӕ уӕм ӕрыздӕхдзыстӕм». Авраам райста сугтӕ нывонд басудзынӕн, сӕвӕрдта сӕ йӕ фырт Исаакы ӕккой; йӕхӕдӕг та йемӕ айста зынг ӕмӕ кард, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр ацыдысты. Исаак йӕ фыд Авраамӕн загъта: «Мӕ фыд!» Авраам дзуапп радта: «Хъусын дӕм, мӕ хъӕбул». Исаак бафарста: «Мӕнӕ нӕм зынг ӕмӕ сугтӕ ис, уӕд иууылсудзинаг нывондӕн та уӕрыкк кӕм ис?» Авраам дзуапп радта: «Хуыцау Йӕхицӕн самал кӕндзӕни уӕрыкк иууылсудзинаг нывондӕн, мӕ хъӕбул». Ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр цыдысты дарддӕр. Хуыцау ын цы бынат бацамыдта, уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд Авраам уым сарӕзта нывондхӕссӕн, самадта йыл сугтӕ, сбаста йӕ фырт Исаакы ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрдта нывондхӕссӕныл, сугты уӕлӕ. Авраам радардта йӕ къух ӕмӕ райста кард йӕ фырты сӕргӕвдынмӕ. Фӕлӕ йӕм Хуыцауы зӕд ӕрдзырдта уӕларвӕй: «Авраам! Авраам!» Авраам дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн». Зӕд загъта: «Дӕ къух ма ӕртасӕд дӕ хъӕбулмӕ ӕмӕ йын мацы бакӕн; ныр Ӕз зонын: ды тӕрсыс Хуыцауӕй, уымӕн ӕмӕ Мын нӕ бавгъау кодтай дӕ иунӕг хъӕбулы». Авраам схӕцыд йӕ цӕстытыл; кӕсы ӕмӕ къутӕрты йӕ сыкъатӕй ныссуйтӕ фыс. Авраам ацыд, ӕрбакодта фысы ӕмӕ йӕ иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхаста йӕ фырты бӕсты. Авраам уыцы бынат схуыдта Йахвеире. Уымӕ гӕсгӕ абон дӕр дзурынц: «Хуыцауы хохыл сбӕлвырд уыдзӕни». Мелхиседек та Левийы хӕдзарвӕндагӕй нӕ уыди, фӕлӕ райста дӕсӕймаг хай Авраамӕй – Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уымӕй – ӕмӕ йыл арфӕ бафтыдта. Нӕ фыдӕл Авраам йӕ фырт Исаакы нывондхӕссӕныл куы ӕрӕвӕрдта, уӕд Хуыцау Авраамы йӕ хъуыддӕгты фӕрцы не сраст кодта, ӕви?
Выбор основного перевода