Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Моисей йӕ къух адардта денджызмӕ, ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв Дунедарӕг тардта денджыз тыхджын скӕсӕйнаг дымгӕйӕ – денджыз фӕцыди дыууӕрдӕм ӕмӕ разынд йӕ бын. Израилаг адӕм денджызы мидӕг ацыдысты сурзӕххыл. Денджызы дон та сӕ рахиз ӕмӕ сӕ галиу фарс слӕууыд къултау. Мысырӕгтӕ сӕ асырдтой, ӕмӕ сӕ фӕдыл денджызмӕ бахызтысты фараоны ӕппӕт бӕхтӕ, йӕ хӕстон уӕрдӕттӕ ӕмӕ барджытӕ. Боныцъӕхтыл судзгӕ цӕджындзӕй ӕмӕ ӕврагъӕй Хуыцау ракаст мысырӕгтӕм, ӕмӕ сӕ ӕддӕгмидӕг ауайын кодта. Хӕстон уӕрдӕтты цӕлхытӕ ныссӕдзын кодта зӕххы, мысырӕгтӕ сӕ хъуырдухӕнӕй тардтой. Уӕд мысырӕгтӕ загътой: «Фӕлидзӕм израилӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ бӕсты Дунедарӕг хӕцы немӕ». Хуыцау загъта Моисейӕн: «Дӕ къух адар денджызмӕ, ӕмӕ йӕ дон раивылдзӕн мысырӕгтыл, сӕ хӕстон уӕрдӕттыл ӕмӕ сӕ барджытыл». Моисей йӕ къух адардта денджызмӕ, ӕмӕ бонмӕ денджызы дон сӕумӕйӕ бацахста йӕ раздӕры бынат; мысырӕгтӕ сӕхи къахӕй згъордтой денджызы хъӕбысмӕ. Афтӕ Хуыцау мысырӕгты фӕдӕлдон кодта денджызы. Денджызы дон раздӕхт йӕ бынатмӕ, ӕмӕ Израилы фӕдыл денджызмӕ чи бахызти, уыцы хӕстон уӕрдӕттӕ ӕмӕ фараоны ӕппӕт ӕфсад йӕ быны фесты, иу дӕр сӕ нал аирвӕзт. Израилаг адӕм та денджызы хӕдастӕуты цыдысты сурзӕххыл: сӕ рахиз фарс ӕмӕ сӕ галиу фарс денджызы дон лӕууыд къулау. Уыцы бон Хуыцау израилӕгты бахызта мысырӕгты къухӕй. Израилӕгтӕ фӕстӕдӕр денджызы былыл федтой мысырӕгты мӕрдтӕ. Хуыцау куы фӕцагъта мысырӕгты, уӕд Ын израилӕгтӕ федтой Йе стыр хъару; адӕмы бацыди Хуыцауы тас, ӕмӕ уӕд баууӕндыдысты Дунедарӕгыл ӕмӕ Йӕ цагъар Моисейыл. Уӕд Моисей ӕмӕ Израилы адӕм ныззарыдысты зарӕг Хуыцауӕн: Кӕд сымахӕн зындгонд у, уӕддӕр мӕ фӕнды уӕ зӕрдыл уын ӕй ӕрлӕууын кӕнын: Хицау Йӕ адӕмы мысыраг зӕххӕй куы раирвӕзын кодта, уӕд уый фӕстӕ фесӕфта, чи Йыл нӕ баууӕндыд, уыдоны.
Выбор основного перевода