Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Кӕртӕн сараз ссӕдз цӕджындзы ссӕдз ӕрхуы бынӕвӕрӕнимӕ; цӕджындзтыл хъуамӕ уа ӕвзист къӕпсыртӕ ӕмӕ тӕлытӕ. Кӕрты цӕгатварсыл кӕрӕйкӕронмӕ хъуамӕ уа ӕмбӕрзӕнтӕ; сӕ уӕрх – фондзыссӕдз ӕлмӕрины. Ӕмбӕрзӕнтӕн сараз ссӕдз цӕджындзы ӕмӕ ссӕдз ӕрхуы бынӕвӕрӕны. Цӕджындзыл хъуамӕ уа ӕвзист къӕпсыртӕ ӕмӕ тӕлытӕ. Кӕрты ныгуылӕнварс уӕрхмӕ, кӕрӕйкӕронмӕ, хъуамӕ уа ӕмбӕрзӕнтӕ; сӕ уӕрх – дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины. Ӕмбӕрзӕнтӕн сараз дӕс цӕджындзы ӕмӕ дӕс бынӕвӕрӕны. Скӕсӕнырдыгӕй кӕртӕн йӕ уӕрх хъуамӕ уа дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины. Кӕртмӕ бацӕуӕнӕй иу къуыммӕ хъуамӕ уа ӕмбӕрзӕн; йӕ дӕргъ – фынддӕс ӕлмӕрины. Сараз ын ӕртӕ цӕджындзы ӕмӕ ӕртӕ бынӕвӕрӕны. Бацӕуӕнӕй иннӕ къуыммӕ дӕр хъуамӕ уа ӕмбӕрзӕн; йӕ дӕргъ – фынддӕс ӕлмӕрины. Сараз ын ӕртӕ цӕджындзы ӕмӕ ӕртӕ бынӕвӕрӕны. Кӕрты дуарӕн ӕмбӕрзӕн бауаф ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй ӕмӕ уӕздан виссонӕй нывӕфтыдтимӕ; йӕ уӕрх – ссӕдз ӕлмӕрины; сараз ын цыппар цӕджындзы ӕмӕ цыппар бынӕвӕрӕны. Ӕппӕт цӕджындзтӕ кӕрты алыварс кӕрӕдзиимӕ хъуамӕ баст уой ӕвзист ӕлвасӕнтӕй; сӕ къӕпсыртӕ сын сараз ӕвзистӕй, сӕ бынӕвӕрӕнтӕ – ӕрхуыйӕ. Кӕртӕн йӕ дӕргъ хъуамӕ уа фондзыссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины. Ӕмбӕрзӕн хъуамӕ уа уӕздан виссонӕй; йӕ бӕрзӕнд – фондз ӕлмӕрины. Цӕджындзтӕн сӕ бынӕвӕрӕнтӕ хъуамӕ уой ӕрхуыйӕ. Цатыр ӕрӕмбырд кӕнынӕн ӕмӕ райхалынӕн цы алыхуызон кусӕнгӕрзтӕ хъӕуы, уыдон иууылдӕр, стӕй йӕ хъилтӕ ӕмӕ кӕрты ӕппӕт михтӕ хъуамӕ уой ӕрхуыйӕ. Сарӕзта сын ссӕдз цӕджындзы ссӕдз ӕрхуы бынӕвӕрӕнимӕ. Цӕджындзты къӕпсыртӕ ӕмӕ тӕлытӕ уыдысты ӕвзистӕй. Цӕгатварсы ӕмбӕрзӕнтӕн дӕр сӕ уӕрх уыди фондзыссӕдз ӕлмӕрины. Сарӕзта сын ссӕдз цӕджындзы ссӕдз ӕрхуы бынӕвӕрӕнимӕ. Цӕджындзты къӕпсыртӕ ӕмӕ тӕлытӕ уыдысты ӕвзистӕй. Ныгуылӕнырдыгӕй ӕмбӕрзӕнтӕн сӕ уӕрх уыди дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины. Сарӕзта сын дӕс цӕджындзы дӕс бынӕвӕрӕнимӕ. Цӕджындзты къӕпсыртӕ ӕмӕ тӕлытӕ уыдысты ӕвзистӕй. Цӕджындзты бынӕвӕрӕнтӕ уыдысты ӕрхуыйӕ, сӕ къӕпсыртӕ ӕмӕ сӕ тӕлытӕ – ӕвзистӕй; цӕджындзты сӕртӕ – ӕвзистдоны тылд. Кӕрты ӕппӕт цӕджындзтӕ ӕлвӕст уыдысты ӕвзист тӕлытӕй.
Выбор основного перевода