Нымадмӕ чидӕриддӕр хауы, уый хъуамӕ ратта сиклы ӕрдӕг – кувӕндоны сиклтӕй; сиклы ис ссӕдз герайы. Уыцы сиклы ӕрдӕг у лӕвар Хуыцауӕн.
Йӕхи балхӕныны тыххӕй хъӕздыг лӕг сиклы ӕрдӕгӕй фылдӕр нӕ ратдзӕн ӕмӕ мӕгуыр дӕр сиклы ӕрдӕгӕй къаддӕр нӕ ратдзӕни Дунедарӕгӕн лӕварӕн.