Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмбӕрзӕнӕн сараз фондз цӕджындзы акъацийӕ, ӕмӕ сӕ сӕвдул сыгъзӕриндоны; сӕ къӕпсыртӕ хъуамӕ уой сыгъзӕринӕй; уыцы цӕджындзтӕн джиппы рауадз фондз бынӕвӕрӕны ӕрхуыйӕ. Нывондхӕссӕн сараз акъацийӕ; йӕ дӕргъ – фондз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – фондз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд – ӕртӕ ӕлмӕрины; нывондхӕссӕн хъуамӕ уа цыппӕрдигъон. Йӕ цыппар тигъыл ын сараз сыкъатӕ йемӕ ӕмхӕстӕй, ӕмӕ йӕ сӕвдул ӕрхуыдоны. Сараз хъуыраутӕ ӕртхутӕгӕн, чысыл белтӕ, куыситӕ, фыдисӕнтӕ ӕмӕ чысыл къоппытӕ ӕвзалыйӕн; ӕппӕт уыцы мигӕнӕнтӕ сараз ӕрхуыйӕ. Сараз ын хыз ӕрхуыйӕ; згъӕрхызы цыппар къуымы сараз цыппар ӕрхуы цӕджы. Ӕмбӕрзӕнӕн ма сарӕзтой фондз цӕджындзы къӕпсыртимӕ; сӕ сӕртӕ ӕмӕ сын сӕ тӕлытӕ стылдтой сыгъзӕриндоны, ӕмӕ сын сарӕзтой фондз бынӕвӕрӕны ӕвзистӕй. Веселиил акъацийӕ сарӕзта цыппӕрдигъон нывондхӕссӕн иууылсудзинаг нывондтӕ судзынӕн; йӕ дӕргъ – фондз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – фондз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд – ӕртӕ ӕлмӕрины. Йӕ цыппар тигъыл ын сарӕзта йемӕ ӕмхӕст сыкъатӕ, ӕмӕ йӕ стылдта ӕрхуыдоны. Нывондхӕссӕнӕн сарӕзта ӕппӕт мигӕнӕнтӕ: хъуыраутӕ, белтӕ, куыситӕ, фыдисӕнтӕ ӕмӕ чысыл къоппытӕ ӕвзалыйӕн. Мигӕнӕнтӕ иууылдӕр сарӕзта ӕрхуыйӕ. Нывондхӕссӕнӕн сарӕзта хыз ӕрхуыйӕ – фӕлгӕты бынмӕ; хыз уыди нывондхӕссӕны хӕдастӕу.
Выбор основного перевода