Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцау загъта Моисейӕн: « Сӕ нымӕц сын сбӕлвырд кӕныны тыххӕй израилаг адӕмы куы нымайай, уӕд сӕ алчидӕр, нымайыны рӕстӕг, Хуыцауӕн раттӕд йӕ уды аргъ, ӕмӕ сыл сӕ нымайыны рӕстӕг бӕллӕх нӕ сӕмбӕлдзӕн. Нымадмӕ чидӕриддӕр хауы, уый хъуамӕ ратта сиклы ӕрдӕг – кувӕндоны сиклтӕй; сиклы ис ссӕдз герайы. Уыцы сиклы ӕрдӕг у лӕвар Хуыцауӕн. Нымадмӕ чидӕриддӕр хауы, уыдонӕй ссӕдз азӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, уый хъуамӕ Дунедарӕгӕн ӕрхӕсса лӕвар. Йӕхи балхӕныны тыххӕй хъӕздыг лӕг сиклы ӕрдӕгӕй фылдӕр нӕ ратдзӕн ӕмӕ мӕгуыр дӕр сиклы ӕрдӕгӕй къаддӕр нӕ ратдзӕни Дунедарӕгӕн лӕварӕн. Уыцы ӕхца, тӕригъӕд ныххатыр кӕнынӕн, райс израилаг адӕмӕй, ӕмӕ йӕ ратт Фембӕлды Цатыры лӕггад кӕнынӕн. Ӕхцайы фӕрцы Хуыцауы зӕрдыл лӕудзысты Йӕ адӕм – уӕ царды аргъ кӕй бафыстат, уый».
Выбор основного перевода