Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Cсӕдз цӕджындзӕн сараз дыууиссӕдз бынӕвӕрӕны ӕвзистӕй: дыууӕ бынӕвӕрӕны – алы дыууӕ цӕджындзы дыууӕ къӕпсырӕн дӕр. Cсӕдз цӕджындзы та сараз Цатыры иннӕ фарсӕн – цӕгат фарсӕн. Сараз сын дыууиссӕдз ӕвзист бынӕвӕрӕны: алы дыууӕ цӕджындзӕн дӕр – дыууӕ бынӕвӕрӕны. Цатыры фӕстаг фарсӕн, ныгуылӕн фарсӕн, сараз дыууадӕс цӕджындзы. Цыппар цӕджындзы та сараз Цатыры фӕстаг фарсы тигътӕн. Уыцы цӕджындзтӕ бынӕй хъуамӕ уой саджил, уӕлейӕ та, фыццаг цӕг кӕм ис, уым та – ӕмхӕст. Ахӕмтӕ хъуамӕ уой, тигъты ӕвӕрд чи уыдзӕн, уыцы цыппар цӕджындзы. Афтӕмӕй цӕджындзтӕ уыдзысты ӕхсӕрдӕс, сӕ ӕвзист бынӕвӕрӕнтӕ дӕр – ӕхсӕрдӕс: фӕйнӕ дыууӕ бынӕвӕрӕны – алы дыууӕ цӕджындзӕн дӕр. Акъацибӕласӕй сараз фондз хъилы Цатыры иу фарсы цӕджындзтӕ сбӕттынӕн. Фондз хъилы та сараз Цатыры иннӕ фарсы цӕджындзтӕ сбӕттынӕн, фондз хъилы – Цатыры фӕстаг, ныгуылӕн, фарсы цӕджындзтӕ сбӕттынӕн. Мидӕггаг хъил хъуамӕ ацӕуа ӕппӕт цӕджындзты хӕдастӕуты – иу кӕронӕй иннӕмӕ. Цӕджындзтӕ сӕвдул сыгъзӕриндоны, хъилтӕ цы цӕгты тъыст уыдзысты, уыдоны дӕр сараз сыгъзӕринӕй; хъилтӕ сӕвдул сыгъзӕриндоны. Цатыр ӕрӕвӕр, хохыл дын ӕй куыд фенын кодтон, афтӕ. Ӕмбӕрзӕн бауаф ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй ӕмӕ уӕздан виссонӕй; ӕмбӕрзӕныл херувимтӕ хъуамӕ уой нывӕфтыдӕй. Ӕмӕ йӕ ӕрцауындз сыгъзӕриндоны тылд цыппар акъаци цӕджындзыл. Цӕджындзтыл хъуамӕ уа сыгъзӕрин къӕпсыртӕ, сӕ быны – ӕвзист бынӕвӕрӕнтӕ. Дыууиссӕдз цӕджындзӕн сарӕзтой дыууиссӕдз ӕвзист бынӕвӕрӕны – алы дыууӕ цӕджындзӕн дӕр фӕйнӕ дыууӕ бынӕвӕрӕны. Цатыры иннӕ фарсӕн, цӕгат фарсӕн, сарӕзтой дыууиссӕдз цӕджындзы Дыууиссӕдз ӕвзист бынӕвӕрӕнимӕ: алы дыууӕ цӕджындзӕн дӕр дыууӕ бынӕвӕрӕны. Цатыры фӕстаг фарсӕн, ныгуылӕн фарсӕн, сарӕзтой дыууадӕс цӕджындзы. Цыппар цӕджындзы та сарӕзтой Цатыры фӕстаг фарсы къуымтӕн. Уыцы цӕджындзтӕ уыдысты саджил, уӕлейӕ, цӕг кӕм ис, уым та – ӕмхӕст. Афтӕ бакодтой къуымты ӕвӕрд дыууӕ цӕджындзӕн дӕр. Цӕджындзтӕ ӕдӕппӕт уыдысты аст, се 'взист бынӕвӕрӕнтӕ дӕр – ӕхсӕрдӕс: алы цӕджындзӕн дӕр дыууӕ бынӕвӕрӕны.
Выбор основного перевода