Ӕз ӕрхызтӕн мысырӕгты къухӕй сӕ байсынмӕ; Ӕз сӕ уыцы бӕстӕйӕ ракӕндзынӕн, ӕхсыр ӕмӕ мыд цӕугӕдонау кӕм кӕлынц, ханаанӕгты, хетты, аморрӕгты, ферезӕгты, хиввӕгты ӕмӕ иевусӕгты уыцы бӕркадджын ӕмӕ парахат зӕхмӕ.
Ӕмӕ загътон: Ӕз уӕ фервӕзын кӕндзынӕн мысыраг ӕфсондзӕй ӕмӕ уӕ ракӕндзынӕн, ӕхсыр ӕмӕ мыд цӕугӕдонау кӕм кӕлынц, ханаанӕгты, хетты, аморрӕгты, ферезӕгты, хиввӕгты ӕмӕ иевусӕгты уыцы зӕхмӕ’“.
Хуыцау Моисейӕн загъта: «Куыд кӕсын, афтӕмӕй ацы адӕм бынтон хивӕнд сты;
Уӕдӕ Мӕ ныууадз, цӕмӕй сӕм Мӕ маст рафыца, фесафон сӕ ӕмӕ дӕуӕй рауадзон ног стыр адӕм».