Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ныр Мӕ коммӕ куы кӕсат ӕмӕ Мӕ фидыдмӕ гӕсгӕ куы цӕрат, уӕд ӕппӕт адӕмтӕй ӕрмӕст сымах уыдзыстут Мӕ адӕм. Уымӕн ӕмӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр Мӕн у, Сымах та Мын уыдзыстут лӕггадгӕнджыты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм“. Уыцы ныхӕстӕ радзур бӕлвырд израилаг адӕмӕн». Хуыцау загъта: «Мӕнӕ Ӕз уемӕ аразын фидыд: ӕппӕт адӕмы раз Ӕз сараздзынӕн, ӕппӕт зӕххыл иу адӕмӕн дӕр кӕй нӕ сарӕзтӕуыд, ахӕм диссӕгтӕ. Ӕмӕ демӕ цы адӕм ис, уыдон иууылдӕр фендзысты Хуыцауы хъуыддаг; Ӕз дӕ фӕрцы цы саразон, уый сыл бафтаудзӕни Хуыцауы тас.
Выбор основного перевода