Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ныр та ацу, ӕмӕ уыцы адӕмы акӕн, кӕдӕм дын загътон, уырдӕм. Мӕ зӕд ацӕудзӕни дӕ разӕй. Ӕфхӕрыны рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд сӕ бафхӕрдзынӕн сӕ тӕригъӕды тыххӕй». Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Ды цӕй тыххӕй дзырдтай, Ӕз уый дӕр сараздзынӕн, уымӕн ӕмӕ ды сдӕ Мӕ аудыны аккаг, ӕмӕ дӕ хорз зонын». Ӕз хорз фыййау дӕн, Ӕз зонын Мӕ фысты, Мӕ фыстӕ дӕр Мӕ зонынц. Мӕн Мӕ Фыд куыд зоны, Ӕз дӕр Мӕ Фыды афтӕ зонын, ӕмӕ Мӕ цард дӕттын фысты сӕраппонд. Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хицау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Хицауы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕды мауал ӕфтӕд».
Выбор основного перевода