Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕ фӕндагыл цы адӕмтӕ ис, уыдоны бафтаудзынӕн стыр тасы, цы адӕммӕ цӕут, уыдонӕн сӕ ныфс асӕтдзынӕн; лидзӕг фӕкӕндзынӕн уеппӕт знӕгты. Уӕ разӕй уын арвитдзынӕн дыдынтӕ, ӕмӕ хиввӕгты, ханаанӕгты ӕмӕ хеттӕгты фӕсурдзысты сымахӕй. Иу азмӕ сӕ нӕ фӕтӕрдзынӕн сымахӕй, науӕд зӕхх раууатмӕ ӕрцӕудзӕн, сбирӕ уыдзысты хъӕддаг сырдтӕ ӕмӕ уын знаггад кӕндзысты. Уыциу тард сӕ нӕ фӕкӕндзынӕн, фӕлӕ куыдфӕстӕмӕ – фыццаг иуты, стӕй иннӕты, цалынмӕ сбирӕ уат ӕмӕ зӕхх сымах бауа, уӕдмӕ. Уӕ арӕнтӕ уыдзысты Сырх денджызӕй Зӕххастӕу денджызмӕ ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй Ефратмӕ; Мӕ руаджы фӕуӕлахиз уыдзыстут ацы зӕххыл цӕрджытыл, ӕмӕ сӕ фӕтӕрдзыстут. Ныр та ацу, ӕмӕ уыцы адӕмы акӕн, кӕдӕм дын загътон, уырдӕм. Мӕ зӕд ацӕудзӕни дӕ разӕй. Ӕфхӕрыны рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд сӕ бафхӕрдзынӕн сӕ тӕригъӕды тыххӕй».
Выбор основного перевода