Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕврагъ бамбӕрзта Фембӕлды Цатыр, ӕмӕ Цатыр байдзаг Хуыцауы кады рухсӕй. Ӕмӕ Моисейӕн Фембӕлды Цатырмӕ бацӕуын йӕ бон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ ӕврагъ ӕрлӕууыд йӕ сӕрмӕ, ӕмӕ Цатыр байдзаг Хуыцауы кады рухсӕй. Ӕврагъиу Цатыры сӕрмӕ куы ссыд, уӕдиу израилаг адӕм араст сты сӕ фӕндагыл. Ӕврагъиу хӕрдмӕ куы нӕ ссыд, уӕд израилӕгтӕ дӕр дарддӕр нӕ цыдысты сӕ фӕндагыл, цалынмӕ ӕврагъ хӕрдмӕ ссыдаид, уӕдмӕ. Дунедарӕджы ӕврагъ бонӕй лӕууыд Цатыры сӕрмӕ, ӕхсӕвы та уыцы ӕврагъы сыгъди арт – ӕмӕ уый ӕппӕт израилаг адӕм уыдтой, сӕ фӕндагыл куы цыдысты, уӕд.
Выбор основного перевода