Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ сымах дӕр уӕ фырттӕн, уӕ фыртты фырттӕн дзурат, Ӕз мысырӕгты куыд бафхӕрдтон, цы диссӕгтӕ сын фенын кодтон, уый тыххӕй; ӕмӕ зондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый». Уӕ байзӕддӕгтӕ уӕ куы бафӕрсой: „Уый цавӕр ӕгъдау у?“, Уӕд зӕгъут: „Мысырӕгты куы цагъта, уӕд израилаг адӕмы хӕдзӕртты рӕзты чи ацыд ӕмӕ нын нӕ хӕдзӕрттӕ чи бахызта, ай уыцы Дунедарӕгӕн Куадзӕны нывонд у“». Адӕм ӕрлӕууыдысты сӕ зонгуытыл ӕмӕ ныллӕг ӕркуывтой Дунедарӕгӕн. Ӕмӕ уӕ райсом уӕ фырттӕ куы бафӕрсой: „Ай цы у?“, уӕд сын зӕгъут: „Хуыцау нӕ Йӕ стыр хъаруйӕ ракодта Мысырӕй, цагъарады хӕдзарӕй.
Выбор основного перевода