Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕлӕ Ӕз зонын: мысыраг паддзах уын нӕ ратдзӕн ацӕуыны бар, стыр хъару йӕ куы нӕ ӕртасын кӕна, уӕд. Ӕз радардзынӕн Мӕ къух, ӕмӕ ӕрцӕвдзынӕн Мысыр, кӕй дзы саразон, Мӕ уыцы диссӕгты фӕрцы; фараон уӕ уый фӕстӕ ауадздзӕн. Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ныр фендзынӕ, Ӕз фараонӕн цытӕ сараздзынӕн, уый; Мӕ стыр тых куы бавзара, уӕд уӕ ауадздзӕн; йӕхӕдӕг уӕ фӕтӕрдзӕн йӕ бӕстӕйӕ». Авд боны хӕрут донгонд дзултӕ; тӕккӕ фыццаг бон фесафут, уӕ хӕдзӕртты ӕнхъызтӕй цыдӕриддӕр ис, уый. Уымӕн ӕмӕ фыццаг бонӕй ӕвдӕм боны онг ӕнхъызт чи бахӕра, уыцы адӕймаг фӕхъӕудзӕн Израилӕй. Уӕ хӕдзӕртты авд боны ма уӕд ӕнхъизӕн; уымӕн ӕмӕ ӕнхъызт хойраг цы адӕймаг хӕра, уый фӕхъӕудзӕн Израилы адӕмӕй – ӕрцӕуӕггаг уа ӕви бынӕттон цӕрӕг. Уыцы ӕхсӕв Хуыцау хъахъхъӕдта Йӕ адӕмы, цӕмӕй сӕ ракӕна Мысыры зӕххӕй. Уымӕ гӕсгӕ израилаг адӕмы ӕппӕт фӕлтӕртӕн уыцы ӕхсӕв уыдзӕни мысӕн ӕхсӕв.
Выбор основного перевода