Уыцы цау мысынӕн уый нысанау хъуамӕ ӕвӕрд уа уӕ къухтыл ӕмӕ уӕ тӕрныхтыл, Дунедарӕджы ацы ӕгъдауы тыххӕй дзургӕ у иудадзыг; уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг сымах Йӕ стыр хъаруйӕ ракодта Мысырӕй.
Ӕмӕ уӕ райсом уӕ фырттӕ куы бафӕрсой: „Ай цы у?“, уӕд сын зӕгъут: „Хуыцау нӕ Йӕ стыр хъаруйӕ ракодта Мысырӕй, цагъарады хӕдзарӕй.