Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕ байзӕддӕгтӕ уӕ куы бафӕрсой: „Уый цавӕр ӕгъдау у?“, Уӕд зӕгъут: „Мысырӕгты куы цагъта, уӕд израилаг адӕмы хӕдзӕртты рӕзты чи ацыд ӕмӕ нын нӕ хӕдзӕрттӕ чи бахызта, ай уыцы Дунедарӕгӕн Куадзӕны нывонд у“». Адӕм ӕрлӕууыдысты сӕ зонгуытыл ӕмӕ ныллӕг ӕркуывтой Дунедарӕгӕн. Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл дарут ацы бон – Мысырӕй, цагъарады хӕдзарӕй, уӕ рацыды бон. Хуыцау уӕ Йе стыр хъаруйӕ ракодта уырдыгӕй, ӕмӕ ӕнхъызт хойраг хӕргӕ нӕу. Уыцы цау мысынӕн уый нысанау хъуамӕ ӕвӕрд уа уӕ къухтыл ӕмӕ уӕ тӕрныхтыл, Дунедарӕджы ацы ӕгъдауы тыххӕй дзургӕ у иудадзыг; уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг сымах Йӕ стыр хъаруйӕ ракодта Мысырӕй.
Выбор основного перевода