Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд Хуыцауӕн дӕттут алы хистӕр лӕппуйы дӕр; фосы алы фыццагзад дӕр Хуыцауы хъуамӕ уа. Фараон куы ныффӕрск ӕмӕ нӕ куы нӕ уагъта, уӕд мысыраг зӕххыл Хуыцау фӕцагъта ӕппӕт фыццаг гуырдты – адӕймагӕй фосмӕ. Уымӕ гӕсгӕ мах Хуыцауӕн нӕ фосӕй нывонд хӕссӕм алы фыццаг нӕлы дӕр, ӕмӕ нӕ алы хистӕр фырты та ӕлхӕнӕм Хуыцауӕй“. Уӕ мусӕй фыццаг хор ӕмӕ уӕ сӕндуцӕнӕй фыццаг сӕн ӕвӕстиатӕй хӕссут Мӕнӕн; уӕ хистӕр фыртты дӕттут Мӕнӕн. Афтӕ бакӕнут уӕ родӕн дӕр ӕмӕ уӕ уӕрыккӕн дӕр. Авд боны уӕд йӕ мадимӕ, ӕстӕм бон ӕй раттут Мӕнӕн. Уӕ зӕххы фыццаг тыллӕгӕн йӕ тӕккӕ хуыздӕр ӕрхӕссут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, хӕдзармӕ. Сӕныччы ма фыц йӕ мады ӕхсыры». Хуыцауы Ӕгъдауы куыд фыст у, афтӕ: «Фыццаг сывӕллон лӕппу куы уа, уӕд лӕвӕрд ӕрцӕуӕд Хуыцауӕн».
Выбор основного перевода