Уыдтӕн бӕгънӕг, ӕмӕ Мыл скодтат дарӕс. Уыдтӕн рынчын, ӕмӕ Мыл батыхстыстут. Уыдтӕн ахӕстоны, ӕмӕ Мӕм ӕрцыдыстут".
Ацы дунейы ӕгъдӕуттӕ ма фӕзмут; уадз ӕмӕ ног кӕна уӕ зонд ӕмӕ ива уӕ зӕрдӕ. Ӕмӕ уӕд уӕ бон уыдзӕн Хуыцауы фӕндон зонын – хорз цы у, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цы у, уый.
Мах зонӕм: Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый тӕригъӕды не 'фты, фӕлӕ йӕ хъахъхъӕны Хуыцауӕй Райгуырӕг, ӕмӕ йӕм хӕйрӕг не 'ххӕссы.