Уӕдӕ ныр цы зӕгъӕм? Ау, Ӕгъдауӕй цӕуы тӕригъӕд? Ницы хуызы! Фӕлӕ Ӕгъдау куы нӕ уаид, уӕд тӕригъӕд цы у, уый ӕз нӕ зыдтаин. Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау куы нӕ фӕдзӕхстаид «Ма бабӕлл», уӕд нӕ зыдтаин, бабӕллын цы у, уый.
Фӕлӕ тӕригъӕдӕн фӕдзӕхсты фӕрцы фӕци фадат, ӕмӕ мӕм райгуырын кодта алы мондӕгтӕ. Тӕригъӕд та ӕнӕ Ӕгъдауӕй мард у.
Ӕз кӕддӕр цардтӕн, ӕмӕ мын ӕгъдау нӕ уыди; фӕлӕ фӕдзӕхст куы фӕзынд, уӕд тӕригъӕд ӕрӕгас,
Ӕз та амардтӕн. Афтӕмӕй цард чи хъуамӕ раттаид, уыцы фӕдзӕхст мын фӕци мӕлӕты хос.