Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Иакова
1 2 3 4 5
Параллельные места
Иудейтӕ сӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Мах Ӕй кӕм не ссарӕм, ахӕм ранмӕ кӕдӕм ацӕудзӕн? Бердзенты ӕхсӕн дзуттӕгтӕ кӕм цӕрынц, уырдӕм цӕуыны ӕмӕ бердзенты ахуыр кӕныны фӕнд Ӕм нӕй, ӕви? Петр сын йӕ къухӕй бацамыдта, цӕмӕй банцайой, ӕмӕ сын радзырдта, Хицау ӕй ахӕстонӕй куыд ракодта, уый тыххӕй. Стӕй сын загъта: «Ацы хабар фехъусын кӕнут Иаковӕн ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕн». Уый фӕстӕ рацыд уырдыгӕй ӕмӕ араст ӕндӕр ранмӕ. Ныффыстой ӕмӕ сын семӕ арвыстой ахӕм фыстӕг: «Апостолтӕй ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕй, уе 'фсымӕртӕй – Антиохийы, Сирийы ӕмӕ Киликийы муртаттӕй Хуыцаумӕ чи ӕрцыд, уыцы ӕфсымӕртӕм. Фӕрнджын ут. Уыцы зӕрдӕвӕрд кӕй райсдзысты, уымӕй ныфс ис нӕ дыууадӕс мыггаджы, ӕмӕ бонӕй-ӕхсӕвӕй зӕрдиагӕй кусынц Хуыцауӕн. Уыцы зӕрдӕдарӕны тыххӕй, паддзах, мӕн аххосджын кӕнынц иудейтӕ. Павелӕй, Хуыцауы цагъарӕй ӕмӕ Йесо Чырыстийы апостолӕй. Ӕз ӕрвыст дӕн, цӕмӕй Хуыцауы ӕвзӕрстыты ӕрхонон уырнындзинадмӕ, ӕцӕгад базонынмӕ, Хуыцауы нымайынмӕ Петрӕй, Йесо Чырыстийы апостолӕй, – Понты, Галатийы, Каппадокийы, Асийы ӕмӕ Вифинийы чи ныххӕлиу, ӕцӕгӕлонау дзы чи цӕры, Хуыцауы уыцы ӕвзӕрстытӕм.
Иакова
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода