Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Иакова
1 2 3 4 5
Параллельные места
Ерысты архайджытӕ хиуылхӕцгӕ сты алцӕмӕй дӕр. Уыдонӕн сӕ нысан у, рӕстӕг кӕй бахӕрдзӕн, ахӕм хӕрзиуӕг райсын; махӕн та нӕ нысан у мыггагмӕйы хӕрзиуӕг райсын. Ныридӕгӕн мын цӕттӕ у рӕстгӕнӕджы хӕрзиуӕг, ӕмӕ мын ӕй уыцы бон ратдзӕн Хицау, ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕг. Ӕмӕ ӕрмӕст мӕнӕн нӕ, фӕлӕ йын Йе 'рцыдмӕ чидӕриддӕр зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонӕн дӕр. Ӕмӕ уын, хъӕбултау, уӕ зӕрдӕ фӕфидар кӕнынӕн цы загъд уыди, уый уӕ ферох: «Мӕ хъӕбул, Хуыцауы ӕфхӕрдмӕ ницӕмӕ йӕ дарыны цӕстӕй ма кӕс, ӕмӕ дын куы бауайдзӕф кӕны, уӕд дӕ ныфс ма сӕттӕд. Байхъусут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Дунейы цӕсты гӕвзыкк чи у, уыдоны Хуыцау, мыййаг, нӕ сӕвзӕрста уырнындзинадӕй сӕ схъӕздыг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ Йӕ Паддзахадмӕ бахонынмӕ? Уыцы Паддзахадӕй Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн. Ӕмӕ Хистӕр Фыййау куы ӕрцӕуа, уӕд райсдзыстут ӕнӕмӕлгӕ намысы хӕрзиуӕг. Цы хъизӕмӕрттӕ бавзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕн дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕддӕр баззай иузӕрдионӕй ӕмӕ дын ратдзынӕн хӕрзиуӕг – мыггагмӕйы цард.
Иакова
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода