Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Иакова
1 2 3 4 5
Параллельные места
Уыдон райгуырдысты нӕдӕр туг ӕмӕ стӕгӕй, нӕдӕр нӕлгоймаджы фӕндӕй, фӕлӕ – Хуыцауӕй. Цӕмӕй мах ӕппӕлӕм Йӕ намысӕй, уымӕн ӕмӕ Чырысти зӕрдӕдарӕн фыццаг махӕн сси. Уымӕн ӕмӕ сымах ногӕй райгуырдыстут, мӕлӕты бар кӕуыл цӕуы, уыцы адӕймаджы мыггагӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы цардӕгас ӕмӕ ӕнусон ныхасы руаджы. Уыдон сӕхи нӕ фӕчъизи кодтой сылгоймӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ сылгоймаджы хъӕстӕ нӕ фесты. Уӕрыкк кӕдӕм цӕуы, уыдон дӕр уырдӕм цӕуынц Йӕ фӕдыл. Уыдоны балхӕдӕуыд адӕмы ӕхсӕнӕй, ӕмӕ сӕ Хуыцауӕн ӕмӕ Уӕрыккӕн снывондчындӕуыд хорысӕрау.
Иакова
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода