Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Иакова
1 2 3 4 5
Параллельные места
Цин кӕнут ӕмӕ райут – уӕлӕрвты уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хорзӕх. Афтӕ ӕфхӕрдтой, уӕ размӕ цы пехуымпартӕ уыди, уыдоны дӕр. Ӕмӕ нӕ цин ӕрмӕст ууыл нӕу, фӕлӕ нӕ тухӕнтыл дӕр, уымӕн ӕмӕ зонӕм, тухӕнтӕ бавзаргӕйӕ кӕй свӕййӕм фӕразон, Фӕразонӕй свӕййӕм фӕлвӕрд, фӕлвӕрд куы свӕййӕм, уӕд уый расайы зӕрдӕдарӕн. Зӕрдӕдарӕн та къӕмдзӕстыггаг нӕу, уымӕн ӕмӕ махӕн лӕ- вӕрд Чи у, уыцы Сыгъдӕг Уды фӕрцы Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕ байдзаг кодта Йӕ уарзтӕй. Уӕдӕ Титӕн цӕмӕйдӕрты сымахӕй кӕй раппӕлыдтӕн, уымӕй къӕмдзӕстыгӕй нӕ баззадтӕн. Мах уын цы дзырдтам, уый раст куыд у, афтӕ Титӕн цӕмӕйты раппӕлыдыстӕм, уыдон дӕр раст разындысты. Уымӕн ӕмӕ тухӕн кодтат ахӕстытимӕ дӕр, ӕмӕ уын уӕ мулк куы хастой, уӕд цин кодтат, хуыздӕр ӕмӕ уын ӕнӕфӕугӕ мулк кӕй ис, уый зонгӕйӕ. Ӕмӕ цин кӕнут уыдӕтты тыххӕй, ныртӕккӕ уӕ алыхуызон фӕлварӕнты исдуг хъыг бавзарын куы бахъӕуы, уӕд дӕр. Сызгъӕрин бафӕразы артӕн, фӕлӕ уӕддӕр фесӕфы; сызгъӕринӕй зынаргъдӕр чи у, уӕ уыцы фӕлтӕрд уырнындзинад раппӕлыны, намыс ӕмӕ кады аккаг уыдзӕн, Йесо Чырысти куы ӕрцӕуа, уӕд. Фӕлӕ цин кӕнут, Чырыстийы тухӕнтӕй хайджын кӕй стут, ууыл, ӕмӕ хъӕлдзӕг ӕмӕ зӕрдӕрухс уыдзыстут, Йӕ намыс куы раргом уа, уӕд.
Иакова
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода