Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Иакова
1 2 3 4 5
Параллельные места
Ӕмӕ сымах дӕр куы фехъуыстат ӕцӕгады ныхас, фарны уац уӕ фервӕзыны тыххӕй, ӕмӕ Чырыстийыл куы баууӕндыдыстут, уӕд баиу стут Йемӕ. Хуыцауы адӕм кӕй стут, уый равдисынӕн Хуыцау сымах схайджын кодта, зӕрдӕ Кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Сыгъдӕг Удӕй. Цӕмӕй мауал цӕрат, уӕ чъизи мондӕгтӕ уӕ куы сайдтой ӕмӕ уӕ раууатмӕ куы тардтой, раздӕры уыцы цардӕй, Ныр ныууадзут ӕппӕт уыдӕттӕ: мӕсты, фыдӕх, фыдгой, ӕнӕуаг ныхӕстӕ. Ӕппӕт адӕмы фервӕзынӕн раргом Хуыцауы хорзӕх, Уӕдӕ ныууадзут алы хӕрам, хин, цӕстмӕми, хӕлӕг ӕмӕ фыдгой.
Иакова
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода