Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йӕ тухӕнты фӕстӕ Йесо бирӕ хӕттыты ӕрцыд апостолтӕм ӕмӕ сын бирӕ ӕвдисӕйнӕгтӕй равдыста, ӕцӕг кӕй райгас, уый. Йӕхи сын уынын кодта дыууиссӕдз боны дӕргъы ӕмӕ сын дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Савл иуцасдӕр уыди семӕ, сӕрибарӕй зылдис Иерусалимыл ӕмӕ ныфсджынӕй адӕмы ахуыр кодта Хицауы номыл. Ӕмӕ ныр зонын, сымах иууылдӕр, – кӕй ӕхсӕн цардтӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕмӕн дзырдтон, – мӕн кӕй нал фендзыстут, уый. Кувут мӕн тыххӕй дӕр, цӕмӕй мӕ дзурын куы бахъӕуа, уӕд мын Хуыцау ратта ӕвзаг, ӕмӕ ӕз ныфсджынӕй раргом кӕнон фарны уацы сусӕгдзинад. Рӕхыстӕй бастӕй дӕр ӕз уыцы фарны уацы минӕвар дӕн. Кувут, цӕмӕй йӕ фехъусын кӕнон ныфсджынӕй, куыд мын ӕмбӕлы, афтӕ. Уыцы фарны уацы сӕраппонд хъизӕмар кӕнын ӕз, фыдгӕнӕгау мӕ суанг рӕхыстӕй дӕр сбастой. Фӕлӕ Хуыцауы ныхасӕн рӕхыстӕй сбӕттӕн нӕй.
Выбор основного перевода