Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Симеон сыл Хуыцауы арфӕ бафтыдта, ӕмӕ Йесойы Мад Мариайӕн загъта: «Мӕнӕ ацы Сывӕллоны тыххӕй израилаг адӕмӕй бирӕтӕ фӕкӕлдзысты, бирӕтӕ та сбӕрзонд уыдзысты. Уый расайдзӕн быцӕутӕ, Мӕ зылынгӕнджытӕ сӕхӕдӕг сӕ зӕрдӕ куыд дарынц, афтӕ ӕз дӕр мӕ зӕрдӕ дарын Хуыцауыл: райгас уыдзысты рӕстытӕ дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ дӕр. Ӕмӕ абон тӕрхоны раз лӕууын, Хуыцау нӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕй мӕ ныфс кӕй ис, уый тыххӕй. Уыцы зӕрдӕвӕрд кӕй райсдзысты, уымӕй ныфс ис нӕ дыууадӕс мыггаджы, ӕмӕ бонӕй-ӕхсӕвӕй зӕрдиагӕй кусынц Хуыцауӕн. Уыцы зӕрдӕдарӕны тыххӕй, паддзах, мӕн аххосджын кӕнынц иудейтӕ. Павел загъта: «Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй тагъд уа ӕви ӕрӕгмӕ уа, ӕрмӕст ды нӕ, фӕлӕ мӕм абон чи хъусы, уыдон сеппӕт дӕр суой мӕ хуызӕттӕ, ӕрмӕст ӕнӕ рӕхыстӕй». Уымӕ гӕсгӕ ӕз, Павел, Йесо Чырыстийӕн кӕй кусын, уый тыххӕй дӕн ахӕстоны сымах, муртатты, сӕраппонд. Уӕдӕ ӕз, Хицауы сӕраппонд ахст, курын сымахӕй, цӕмӕй уӕ цард уа, Хуыцау уӕ цӕмӕ ӕрхуыдта, уый аккаг. Рӕхыстӕй бастӕй дӕр ӕз уыцы фарны уацы минӕвар дӕн. Кувут, цӕмӕй йӕ фехъусын кӕнон ныфсджынӕй, куыд мын ӕмбӕлы, афтӕ. Ӕргом та абон раци – нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырысти куы ӕрцыд, уӕд; Уый фӕтых мӕлӕтыл ӕмӕ фарны уацы руаджы ӕрхаста ӕнӕмӕлгӕ цард. Ӕз арфӕ кӕнын, мӕнӕн тых Чи радта, нӕ уыцы Хицау Йесо Чырыстийӕн, иузӕрдионыл мӕ кӕй банымадта, Йӕ кусӕг мӕ кӕй скодта, уый тыххӕй. Ӕмӕ мын хатыргонд дӕр уый тыххӕй ӕрцыд, цӕмӕй Йесо Чырысти фыццаг мӕныл равдиса, куыд бирӕбыхсаг у, уый, ӕмӕ мӕ хабар зондыхос уа, чи Йыл баууӕнда ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи райса, уыдонӕн.
Выбор основного перевода