Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесойӕн дзуапп радтой: «Уыцы фыдгӕнджыты амардзӕни хъизӕмары мӕлӕтӕй, сӕнӕфсирдон та ратдзӕн ӕндӕр ӕххуырст кусджытӕм, афоныл ын сӕнӕфсир чи дӕтта, ахӕмтӕм». Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын, сымахӕй ист ӕрцӕудзӕни Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ лӕвӕрд уыдзӕни, пайда чи дӕтты, уыцы адӕмӕн. Ӕмӕ алы адӕймаг дӕр фендзӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд ирвӕзындзинад"». Уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ ныфсджынӕй загътой: «Хуыцауы ныхас фыццаг сымахӕн хъуамӕ загъдӕуыдаид. Фӕлӕ йыл кӕй не 'рвӕссут ӕмӕ мыггагмӕйы царды аккагыл уӕхи кӕй нӕ нымайут, уымӕ гӕсгӕ цӕуӕм муртаттӕм. Уымӕн ӕмӕ нын Хицау афтӕ бафӕдзӕхста: „Ӕз Дӕ радтон муртаттӕн рухсӕн, цӕмӕй ӕгас дуне фервӕза Дӕ фӕрцы"». Фӕлӕ уыдон йӕ ныхмӕ кӕй уыдысты ӕмӕ йӕ кӕй фаудтой, уый тыххӕй Павел ацагъта йӕ дарӕсы рыг ӕмӕ сын загъта: «Уӕ сӕфты тыххӕй уӕхӕдӕг стут азымджын, ӕз сыгъдӕг дӕн. Нырӕй фӕстӕмӕ муртаттӕм цӕудзынӕн». Ӕз дӕ бахиздзынӕн дӕхи адӕмӕй, стӕй муртаттӕй – Ӕз дӕ ӕрвитын уыдонмӕ, Цӕмӕй байгом уой сӕ цӕстытӕ ӕмӕ рацӕуой талынгӕй рухсмӕ, хӕйрӕджы къухтӕй Хуыцаумӕ, Мӕныл ӕууӕндыны фӕрцы сын барст ӕрцӕуой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ райсой сӕ хай". Фарны уац кӕй хъусын кӕнын, уый худинагыл нӕ нымайын. Уымӕн ӕмӕ уый алы уырнӕгӕн дӕр, фыццаджыдӕр иудейӕн, стӕй муртатӕн дӕр, у Хуыцауы ирвӕзындӕттӕг тых. Уӕдӕ фӕрсын: ау, израилӕгтӕ афтӕ фӕкалдысты, ӕмӕ мауал сыстой? Ницы хуызы! Фӕлӕ кӕй фӕкалдысты, уый фӕрцы муртаттӕм ӕрцыд ирвӕзындзинад, цӕмӕй сӕм израилӕгтӕ хӕлӕг кӕной.
Выбор основного перевода