Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фыццаджыдӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы арфӕ кӕнын мӕ Хуыцауӕн уеппӕты тыххӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕгас дунейӕн уӕ уырнындзинад зындгонд у. Йӕ Фырты фарны уац адӕммӕ зӕрдиагӕй хӕссынӕй цы Хуыцауӕн кусын, Уый мын ӕвдисӕн у: куы фӕкувын, уӕд сымах ӕдзух мӕ зӕрдыл фӕлӕуут, Ӕмӕ иудадзыг курын, кӕд Хуыцауӕн фӕндиаг у, уӕд мын, ӕппынфӕстаг, куыд бантыса сымахмӕ фӕцӕуын. Уӕ фенынмӕ тынг бӕллын, Сыгъдӕг Уд мын цы ралӕвар кодта, уымӕй уын куыд бахай кӕнон ӕмӕ куыд сфидар уат. Ома, кӕрӕдзи сфидар кӕнӕм иумӕйаг уырнындзинадӕй, уӕ уырнындзинадӕй ӕмӕ мӕ уырнындзинадӕй.
Выбор основного перевода