Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уыдоныл ӕрцыд Исайы пехуымпар ныхас: „Хъусӕй хъусдзыстут, фӕлӕ нӕ бамбардзыстут, цӕстӕй кӕсдзыстут, фӕлӕ нӕ фендзыстут. Уымӕн ӕмӕ ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕ ныддур, хъусӕй зынтӕй хъусынц, сӕхгӕдтой сӕ цӕстытӕ, цӕмӕй цӕстӕй ма феной, хъусӕй ма фехъусой, зӕрдӕйӕ ма бамбарой, ма раздӕхой Мӕнмӕ ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон". Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хуыцау сӕ бафтыдта фынӕйыл, радта сын, абон дӕр ма кӕмӕй нӕ уынынц, ахӕм цӕстытӕ, ӕмӕ кӕмӕй нӕ хъусынц, ахӕм хъустӕ». А дунейы хуыцау уыцы ӕнӕуырнджыты бакуырм кодта, ӕмӕ нӕ уынынц Чырыстийы, Хуыцауы Халдихы, намысыл дзурӕг фарны уацы тӕмӕнкалгӕ рухс. Уымӕн ӕмӕ афтӕ Чи загъта: «Талынгӕй сӕрттивӕд рухс», уыцы Хуыцау нӕ зӕрдӕты ссыгъта рухс, ӕмӕ мах базыдтам Хуыцауы намыс – уый ӕнхъӕвзы Йесо Чырыстийӕ.
Выбор основного перевода