Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ сын, Моисейӕ ӕмӕ ӕппӕт пехуымпартӕй райдайгӕйӕ, бамбарын кодта, ӕппӕт Фыстыты Йӕхи тыххӕй цы загъд ис, уыдӕттӕ иууылдӕр. Филипп бацагуырдта Нафанаилы ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам, Моисейы Ӕгъдауы Кӕй тыххӕй ис фыст, стӕй пехуымпартӕ Кӕй тыххӕй фыстой, уыцы Назаретаг Йесойы, Иосифы фырты». Лӕмбынӕг раиртасут Сыгъдӕг Фыст, уымӕн ӕмӕ сымах ӕууӕндут йӕ фӕрцы мыггагмӕйы цард райсыныл, уый та Мӕныл дзурӕг у. Ӕмбарын сын сӕ кодта ӕмӕ архайдта, цӕмӕй уыцы бынӕтты руаджы баууӕндой, Чырысти кӕй хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ райгас уыдаид, ууыл. Дзырдта сын, ӕз уын цы Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын, Уый Чырысти у, зӕгъгӕ. Павел бацыд синагогӕмӕ; ӕртӕ мӕйы дӕргъы адӕмӕн ныфсджынӕй дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ сӕ ӕууӕндын кодта. Ӕмӕ ныр зонын, сымах иууылдӕр, – кӕй ӕхсӕн цардтӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕмӕн дзырдтон, – мӕн кӕй нал фендзыстут, уый. Ӕз бакувынмӕ адӕлгом дӕн зӕды къӕхты раз. Фӕлӕ мын уый загъта: «Афтӕ ма бакӕн; ӕз дӕуӕн, стӕй Йесойӕн ӕвдисӕн чи у, дӕ уыцы ӕфсымӕртӕн ӕмкусӕг дӕн. Хуыцаумӕ бакув, уымӕн ӕмӕ Йесойӕн ӕвдисӕн чи у, уыдонмӕ пехуымпарады уд ис».
Выбор основного перевода