Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн уыдысты уарзон; Хицау та сын сӕ нымӕцыл ӕрвылбон ӕфтыдта, кӕй ирвӕзын кодта, уыдоны. Куы йӕм байхъуыстой, уӕд ӕрсабыр сты, кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ дзырдтой: «Уӕдӕ Хуыцау муртаттӕн дӕр радта фӕсмон мыггагмӕ цӕрынӕн». Ӕмӕ мах зонӕм, Хуыцауы чи уарзы, Йӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ кӕй ӕрхуындӕуыд, уыдонӕн алцыдӕр фӕкӕны сӕ хорзӕхӕн. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау рагагъоммӕ кӕй базыдта, уыдонӕн снысан кодта Йӕ Фырты хуызӕн уӕвын, цӕмӕй бирӕ ӕфсымӕрты ӕхсӕн Йӕ Фырт уа фыццаггуырд.
Выбор основного перевода