Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕлӕ иудейтӕ сардыдтой дингӕнӕг уӕздан сылгоймӕгты, стӕй сахары хицӕутты; Павел ӕмӕ Варнавӕйы фӕдыл райдыдтой зилын, ӕмӕ сӕ фӕтардтой уырдыгӕй. Хуыцауы ныхасӕн чи нӕ басаст, уыцы иудейтӕ та сызмӕстой муртатты ӕмӕ сӕ сардыдтой ӕфсымӕрты ныхмӕ. Фӕлӕ уыдон йӕ ныхмӕ кӕй уыдысты ӕмӕ йӕ кӕй фаудтой, уый тыххӕй Павел ацагъта йӕ дарӕсы рыг ӕмӕ сын загъта: «Уӕ сӕфты тыххӕй уӕхӕдӕг стут азымджын, ӕз сыгъдӕг дӕн. Нырӕй фӕстӕмӕ муртаттӕм цӕудзынӕн». Ныр муртаттимӕ иумӕ уыдонӕн сӕ хӕлд хъуыддӕгты цъымарайы кӕй нал ныгъуылут, уый сӕ ӕфтауы дисы ӕмӕ уыл цъыф калынц. Адон та фауынц, цы нӕ зонынц, уый. Сӕ ӕрдзыхъӕдмӕ гӕсгӕ ӕнӕзонд цӕрӕгойтау цы зонынц, уымӕй сӕхи сафынц. Хуыцау Йӕ Лӕггадгӕнӕджы куы райгас кодта, уӕд Ӕй фыццаг сымахмӕ арвыста Йӕ хорзӕх уын раттынмӕ ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр йе 'взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын кӕнынмӕ». Ӕфсымӕртӕ, Авраамы байзӕддӕгтӕ, стӕй сымах, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон! Фервӕзыныл дзурӕг ацы уац махӕн ӕрвыст у. Уӕдӕ уын зындгонд уӕд: Хуыцау адӕймаджы кӕй ирвӕзын кӕны, уыцы уац муртаттӕн ӕрвыст у; хъусгӕ дӕр ӕй уыдон фӕкӕндзысты». Фарны уац кӕй хъусын кӕнын, уый худинагыл нӕ нымайын. Уымӕн ӕмӕ уый алы уырнӕгӕн дӕр, фыццаджыдӕр иудейӕн, стӕй муртатӕн дӕр, у Хуыцауы ирвӕзындӕттӕг тых.
Выбор основного перевода