Хуым у дуне, хорз мыггаг – Хуыцауы Паддзахады хъӕбултӕ, хӕмпӕлгӕрдӕг та – хӕйрӕджы хъӕбултӕ.
Уӕ фыд хӕйрӕг у, ӕмӕ уӕ фыды зӕрдӕ цы зӕгъы, уый кӕнын уӕ фӕнды. Уый райдианӕй лӕгмар уыди, ӕцӕгад ӕм нымады дӕр нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ йӕм ӕцӕгад нӕй. Уый мӕнг куы фӕзӕгъы, уӕд йӕ кӕнон фӕкӕны, уымӕн ӕмӕ у мӕнгард ӕмӕ мӕнгарддзинады фыд.