Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕ фӕсмоны тыххӕй уыл ӕз донӕй аргъауын, фӕлӕ мӕ фӕстӕ Чи ӕрбацӕуы, Уый мӕнӕй тыхджындӕр у – ӕз Ын Йӕ дзабыртӕ хӕссыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Уый уыл аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй. Адӕмӕн дзырдта: «Мӕ фӕдыл ӕрбацӕуы мӕнӕй Тыхджындӕр. Ӕз ӕргуыбыр кӕнон ӕмӕ Йын Йӕ дзабыры бос райхалон, уый аккаг дӕр нӕ дӕн. Иоанн сеппӕтӕн дӕр дзуапп лӕвӕрдта: «Ӕз уыл аргъауын донӕй, фӕлӕ ӕрбацӕуы мӕнӕй Тыхджындӕр – ӕз Ын Йӕ дзабыры бос райхалыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Уый уыл аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй. Уӕд ӕй уый нӕ басусӕг кодта ӕмӕ ӕргомӕй загъта, ӕз Чырысти нӕ дӕн, зӕгъгӕ. Мӕ фӕстӕ Цӕуӕг. Ӕз Уымӕн Йӕ дзабыры бос райхалыны аккаг дӕр нӕ дӕн».
Выбор основного перевода