Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ныр фендзынӕ, Ӕз фараонӕн цытӕ сараздзынӕн, уый; Мӕ стыр тых куы бавзара, уӕд уӕ ауадздзӕн; йӕхӕдӕг уӕ фӕтӕрдзӕн йӕ бӕстӕйӕ».
Уӕдӕ израилаг адӕмӕн зӕгъ: „Ӕз Дунедарӕг дӕн! Мӕ стыр хъаруйӕ ӕгъатырӕй бафхӕрдзынӕн мысырӕгты, ӕмӕ уӕ фервӕзын кӕндзынӕн – уӕ бӕрзӕйӕ уын сисдзынӕн мысырӕгты ӕфсондз.