Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уый уыди, кесӕр Тивери фынддӕсӕймаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд. Понтий Пилат уыди Иудейӕйы хицау, Ирод – Галилейы ӕлдариуӕггӕнӕг, йе 'фсымӕр Филипп та – Итурейы ӕмӕ Трахониты бӕстӕйы ӕлдариуӕггӕнӕг, Лисани – Авилинийы ӕлдариуӕггӕнӕг; Уыцы хабар бахӕццӕ Иерусалимы аргъуанмӕ, ӕмӕ Варнавӕйы арвыстой Антиохимӕ. Куы ӕрцыд ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс ӕмӕ сеппӕтӕн дӕр фӕдзӕхста, цӕмӕй Хицауыл уой зӕрдиаг ӕмӕ ӕнувыд. Варнавӕ хорз лӕг уыд, Сыгъдӕг Уд ӕмӕ уырнындзинадӕй хайджын. Ӕмӕ Хицаумӕ ӕрцыд бирӕ адӕм. Уый фӕстӕ Варнавӕ ацыд Тарсмӕ Савлы агурӕг, ссардта йӕ ӕмӕ йӕ ӕрхуыдта Антиохимӕ. Ӕнӕхъӕн аз ӕмбӕлдысты аргъуанимӕ ӕмӕ ахуыр кодтой бирӕ адӕмы. Ахуыргӕнинӕгты фыццаг хатт Антиохийы схуыдтой чырыстӕттӕ. Уыцы рӕстӕг Иерусалимӕй Антиохимӕ ӕрцыдысты пехуымпартӕ. Уырдыгӕй денджызыл сӕ фӕндаг адардтой Антиохимӕ – ныр цы хъуыддаг ахицӕн кодтой, уый аразынмӕ сӕ Хуыцауы хорзӕхыл бафӕдзӕхсгӕйӕ кӕцӕй рарвыстой, уырдӕм. Куы бахӕццӕ сты, уӕд ӕрӕмбырд кодтой аргъуаны уӕнгты ӕмӕ радзырдтой, Хуыцау сӕ фӕрцы цыдӕриддӕр сарӕзта, муртаттӕн уырнындзинады дуар куыд байгом кодта, уый тыххӕй. Павел ӕмӕ Варнавӕ уым дзӕвгар рӕстӕг арвыстой ахуыргӕнинӕгтимӕ. Иудӕ ӕмӕ Силӕ сӕхӕдӕг пехуымпартӕ уыдысты, бирӕ фӕныхас кодтой ӕфсымӕртимӕ, бауагътой сӕ ныфс ӕмӕ сын бафтыдтой сӕ уырнындзинадыл. Саламтӕ уын дӕттынц ме 'мкусӕг Тимофей, мӕ хӕстӕджытӕ Луций, Иасон ӕмӕ Сосипатр. Ӕмӕ Хуыцау уыдонӕй иуты аргъуаны сӕвӕрдта фыццаджыдӕр апостолтӕй, дыккаджы – пехуымпартӕй, уый фӕстӕ – ахуыргӕнджытӕй; дарддӕр иутӕн радта диссӕгтӕ ӕвдисыны тых, низтӕй дзӕбӕх кӕныны, ӕххуыс кӕныны, разамынд дӕттыны, алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурыны курдиат.
Выбор основного перевода