Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фаррайыл цыди дыууӕсӕдӕ фондз азы, афтӕмӕй амарди Харраны. Авраам ӕдӕппӕт фӕцарди сӕдӕ ӕвдай фондз азы. Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы Авраам ӕцӕгӕлонау ӕрцард, зӕрдӕ йын кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы зӕххыл. Царди цатырты; афтӕ цардысты Исаак ӕмӕ Иаков дӕр – уыциу зӕрдӕвӕрд Хуыцау уыдонӕн дӕр радта. Ацы адӕймӕгтӕ иууылдӕр амардысты уырнджытӕй, зӕрдӕ сын цӕмӕй бавӕрдӕуыд, уый нӕ райсгӕйӕ; ӕрмӕст ӕй федтой дардмӕ, цин кодтой ӕмӕ дзырдтой, зӕххыл ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕ цӕрджытӕ стӕм, зӕгъгӕ.
Выбор основного перевода