Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ мын ныр Хуыцауы раз расомы кӕн, мӕнгардӕй кӕй нӕ рацӕудзынӕ нӕдӕр мӕныл, нӕдӕр мӕ хӕдзарыл, нӕдӕр мӕ байзӕддӕгтыл; ӕз дӕуыл куыд аудыдтон, афтӕ ды дӕр кӕй ауддзынӕ мӕныл, стӕй ӕрцӕуӕггаг цы бӕстӕйыл дӕ, ууыл». Авраам загъта: «Сомы кӕнын». Ӕмӕ мын расомы кӕн Дунедарӕгӕй, уӕлӕрвты Хуыцауӕй ӕмӕ зӕххы Хуыцауӕй, ӕз кӕй ӕхсӕн цӕрын, уыцы ханаанӕгты чызджытӕй мӕ фыртӕн ус кӕй нӕ ракурдзынӕ, уый тыххӕй. Авраамы Хуыцау ӕмӕ Нахоры хуыцау – Иаковы ӕмӕ Лаваны фыдӕлты хуыцӕуттӕ – махӕн уӕд тӕрхонгӕнӕг». Ӕмӕ Иаков расомы кодта, йӕ фыд Исаак Кӕмӕй тарст, уыцы Хуыцауӕй. Иаковӕн загътой: «Дӕ фырт Иосиф дӕм ӕрцыд». Израил зынтӕй рабадт йӕ хуыссӕны Иосиф Израилы фырттӕн ард бахӕрын кодта: «Хуыцау уӕм ӕркӕсдзӕн ӕнӕмӕнг, ӕмӕиу мын ме стджытӕ ахӕссут ардыгӕй». Иаков куы марди, уӕд ӕм уырнындзинад кӕй уыдис, уый фӕрцы Хуыцауы арфӕ бафтыдта Иосифы алы фыртыл дӕр, ӕрӕнцой кодта йӕ лӕдзӕгыл ӕмӕ бакуывта Хуыцаумӕ.
Выбор основного перевода