Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уыцы зӕххыл ногӕй скодта, Авраамы заман чи уыдис, уымӕй ноджы стонгдӕр рӕстӕг; ӕмӕ Исаак ацыди Герармӕ, филистимаг паддзах Авимелехмӕ. Хуыцау загъта: «Ӕз Хуыцау дӕн, дӕ фыды Хуыцау. Мысырмӕ ацӕуынӕй ма тӕрс. Уым Ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн разагъды адӕм. Иосиф йӕ фыд ӕмӕ йе 'фсымӕрты ӕрцӕрын кодта Мысыры, Рамсесы зылды, ӕмӕ сын уым радта хуыздӕр зӕххытӕ, фараон куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Фӕлӕ Израилы байзӕддӕгтӕ цот уагътой дзӕвгар, сбирӕ ӕмӕ стыхджын сты тынг, ӕмӕ анхъӕвзтой ӕппӕт бӕстӕйыл. Хуыцау Авраамӕн, сомы йын ракӕнгӕйӕ, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕн йе 'рцыд куыд хӕстӕгдӕр кодта, афтӕ Мысыры фылдӕрӕй-фылдӕр ӕфтыд нӕ адӕмы нымӕцыл.
Выбор основного перевода