Ӕмӕ райдыдтой авд ӕххормаг азы, Иосиф развӕлгъау куыд загъта, афтӕ. Ӕппӕт иннӕ бӕстӕтӕ уыдысты ӕххормаг; ӕрмӕст ӕгас мысыраг бӕстӕйы уыди хор.
Ӕххормаг куы анхъӕвзта ӕппӕт бӕстӕтыл, уӕд Иосиф байгом кодта хордӕттӕ, ӕмӕ байдыдта мысырӕгтӕн хор уӕй кӕнын. Мысыраг зӕххыл та стонг кодта карзӕйкарздӕр.