Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Иосиф ын загъта: «Мӕнӕ ууыл дзурӕг у дӕ фын: ӕртӕ къалиуы амонынц ӕртӕ боны. Ӕртӕ боны фӕстӕ дӕ фараон сбӕрзонд кӕндзӕн – фӕстӕмӕ дӕ сӕвӕрдзӕни дӕ бынаты, ӕмӕ йӕм сӕндарӕй куы уыдтӕ, уӕд куыд уыди, афтӕ ныр дӕр фараоны къухмӕ ратдзынӕ йӕ сӕны кӕхц. Ӕмӕ дӕ курын, дӕ зӕрдӕ куы барухс уа, уӕдиу мӕ ӕрымыс; ахӕм хорзы мын бацу – мӕ кой скӕн фараонӕн, ӕмӕ мӕ акӕн ацы хӕдзарӕй. Уымӕн ӕмӕ мӕн дзуттӕгты зӕххӕй радавдӕуыд; ахӕстоны мӕ баппарой, ахӕмӕй ам дӕр ницы ракодтон». Иосиф фын хорз кӕй райхӕлдта, уый федта хистӕр дзулфыцӕг ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕр федтон фын: кӕсын ӕмӕ мӕ сӕрыл ӕртӕ чыргъӕды. Уӕллаг чыргъӕды уыди дзуллагӕй фых алыхуызон хӕринӕгтӕ фараонӕн, ӕмӕ сӕ мӕргътӕ хордтой, мӕ сӕрыл цы чыргъӕд уыдис, уырдыгӕй». Иосиф ын загъта: «Мӕнӕ ууыл дзурӕг у дӕ фын: ӕртӕ чыргъӕды амонынц ӕртӕ боны. Ӕртыккаг бон дӕ фараон сбӕрзонд кӕндзӕн – ӕрцауындздзӕн дӕ бӕласыл, ӕмӕ мӕргътӕ хӕрдзысты дӕ мард».
Выбор основного перевода