Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Дыууӕ азы фӕстӕ фараон федта фын: лӕууы Нилы цӕугӕдоны былыл. Кӕсы ӕмӕ цӕугӕдонӕй рацыдысты рӕсугъд ӕмӕ хӕрзхаст авд хъуджы, ӕмӕ хызтысты хъӕзы. Цӕугӕдонӕй сӕ фӕдыл рацыдысты тӕнхауд ӕмӕ мӕллӕг авд хъуджы, ӕмӕ цӕугӕдоны былыл ӕрлӕууыдысты иннӕ хъуццыты фарсмӕ. Тӕнхауд ӕмӕ мӕллӕг хъуццытӕ бахордтой рӕсугъд ӕмӕ хӕрзхаст авд хъуджы. Ӕмӕ фараон райхъал. Фараон та бафынӕй ӕмӕ федта ӕндӕр фын: кӕсы ӕмӕ иу мӕнӕуы зӕнгыл ӕрзад авд дзагнӕмыг ӕфсиры. Уыдоны фӕстӕ ӕрзади, скӕсӕйнаг дымгӕ кӕй басыгъта, ахӕм авд хуыскъ ӕфсиры. Ӕмӕ хуыскъ ӕфсиртӕ аныхъуырдтой дзагнӕмыг авд ӕфсиры. Фараон райхъал; ахӕм уыди йӕ фын. Куы сбон, уӕд фараон ӕнцой нал зыдта. Арвыста Мысыры ӕппӕт дӕснытӕм ӕмӕ ӕппӕт зондылӕгтӕм фӕдзурынмӕ. Радзырдта сын йӕ фынтӕ, фӕлӕ йын сӕ чи райхӕлдтаид, ахӕм дзы нӕ разынд.
Выбор основного перевода