Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ райдыдтой авд ӕххормаг азы, Иосиф развӕлгъау куыд загъта, афтӕ. Ӕппӕт иннӕ бӕстӕтӕ уыдысты ӕххормаг; ӕрмӕст ӕгас мысыраг бӕстӕйы уыди хор. Ӕххормаг куы анхъӕвзта ӕппӕт бӕстӕтыл, уӕд Иосиф байгом кодта хордӕттӕ, ӕмӕ байдыдта мысырӕгтӕн хор уӕй кӕнын. Мысыраг зӕххыл та стонг кодта карзӕйкарздӕр. Стонг рӕстӕг бӕстӕйы дыууӕ азы размӕ райдыдта, ӕмӕ ма ноджыдӕр фондз азы нӕдӕр хуым кӕндзысты, нӕдӕр – най. Ӕгас зӕххыл хойраг нал уыди; стонг афтӕ стыхджын, ӕмӕ сгӕвзыкк сты Мысыр дӕр ӕмӕ Ханаан дӕр.
Выбор основного перевода